Саломэ Зурабишвили – бынтон нæрайсг æмæ æнæзакъонон у оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты ауадзын
Бынтон нæрайсгæ æмæ æнæзакъонон у оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты ауадзын – уый фæдыл Гуырдызстоны президенты Салоэ Зурабишвилийы фидиуæны дзырдæуы.
Зурабишвили сиды æхсæнадæмон дзыллæмæ, æмбæлон реакци скæнæд Уæрæсейы Федерацийы æнæзаъонон æмæ бстæйы суверенитет агайæг архæйдтытыл.
«Бынтон нæрайсгæ æмæ æнæзакъонон у оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты ауадзын. Уый оджы иу хатт гуырымыхъхъ агайы Гуырдзыстоны сувереинтет æмæ территорион æнæхъæндзинад æмæ бынтон йæ ныхмæ у æхсæнадæмон нормæтæн. Абон, нырмадæр оккупацигонд куы сты Абхаз æмæ Цхинвалы Регион, сидын æхсæнадæмон дзыллæмæ æмбæлгæ реаци скæнæд Уæрæсейы Федрацийы ацы æнæзакъонон æмæ бæстæйы суверенитет агайæг архæйдтытыл. Фæнысангонд фарста Гуырдзыстоны президент, Йенс Столтенбергимæ Орбелианиты галуаны уагъд фембæлдыл сæвæрдта æмæ ноджы иу хатт бафаудта» – дзырдæуы президенты фидиуæны.