«Националон Змæлды» уæнгы, Саломэ Самадашвилийы куырдиатæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауад премьер-министр Гиорги Гахариайы номыл раста тынг ахсдзиаг фыстæг Сенаты уæнг Роджер Викерæй.
Самадашвили брифингыл фыстæджы мидисы тыххæй радзырдта æмæ банысан кодта, цæмæй фыстæджы зæгъгæ дзырдæуы Гуырдзыстоны политикон оппозицийы сурыны фарстайы тыххæй.
«Уый тыххæй, цæмæй хицауад нæ раргом кодта фыстæг, кæцыйы райста Гахариайы номыл АИШ-ы Сенатæй, æхсæнадæн ацы фыстæджы мидисы тыххæй базонын кæнын хъæугæйыл банымадтон. Фыстæджы автор у Сенаты уæнг Роджер Викер, кæцы у гарзджын тыхты комитеты æмæ базарады комитеты уæнг АИШ-ы Сенаты, фактонæй уыцы комитетты уæнг, кæцытæ кусынц Гуырдзыстонæн æфсæддон æххуысы æмæ базарадон ахастыты фарстатыл. Уый у Хельсинкийы комиссийы уæнг дæр. Уый та АИШ-ы сеппæтæй бæрзонддæр оргæн, кæцы ифтонг кæны адæймаджы барты хъахъхъæнынад æндæр паддзахадты. Сæрмагондæй мæтæфтауæг у, Хельсинкийы комиссийы уæнг куы æрсидтис фыстæгæй Гахариамæ уый. Хицауад фыстæг басусæг кодта, уымæн æмæ фæнысангонд коммуникацийы комкоммæ дзырдæуы Бидзина Иванишвилийы æмæ йæ ролы тыххæй политикон оппозицийы барадон сурыны æмæ хъъомысдарынады»- загхта Саломэ Самадашвили кæцыйы куырдиатæй, фыстæг зæгъгæ ивгъуыд азы декабры æрцыд æрвыст.
2019 азы 19 декабры æрвыст фыстæджы, кæцыйы Саломэ Самадашвилийы дзырдæй, сенатор Роджер Викер Гиорги Гахариамæ рарвыста дзырдæуы:
«Куыд Гуырдзыстоны Республикæйы фидар æмцæдисон, райгонд дæн фæстаг 16 азы дæргъы уæ бæстæ цы æнтыстытæм æрцыд уыдонæй. Уардиты Революцийы фæстæ институтты фæтыхджындæр кæныны æрдæм арызт къахдзæфтæ, сæ нымæцы тæрхонон реформæты цалдæр раунд æмæ энергион æмæ активон æмбæстагон æхсæнад, уæ бæстæ раздæры советон цæдисæй сæвзæргæ иуæй-иу демокративон респуликæйæ фестын кодта. Зонын, цæмæй разы стут Гуырдзыстоны демокративон æнтыст адарддæр кæнынмæ гæсгæ мæ этузиазмæй. Растдæр уæм уый тыххæй фыссын цæмæй мæ зæрдæхсайд разæгъон фæстаг рæстæджы айтынггонд фæзындты тыххæй. Ивгъуыд мæйы, парламенты уæнгтæ, парти «Гуырдзиаг Бæллиццæй» нæ сæххæст кодтой сæ дзырдлæвæрд, кæцы 2020 азы националон æвзæрстыты æххæстæй пропорцион æвзæрстгæнæн системæйы æрфидар кæнын дардта йæ хъуыдыйы. Фæнысангонд æвзæрстгæнæн ивдтытæн уыд егъау æнцойад бæстæйы масштабæй, æрмæст демократийы æхсæнадæмон адвокаттæ ахсджиагыл нымадтой Гуырдзыстоны бирæпартион демократи йæтыхджындæр кæнынæн. Хъыгагæн барастыты æнæнхъæлæджы фæкъуыхцы уын, знаггадгæнæг у æхсæнады æууæнкæн фидæн азы æвзæрстытæ рæстаг кæй уыдзысты уый æрдæм. Афтæдæр мæтæфтауæг у, уый æмæ, тугтæрхоны барады фæрцы сурыны фæстагрæстæгон уылæн, сæвзæрын кодта политикон оппонентты æмæ хæдбар медиафæрæзты сурыны тæлмæн.
«Гуырдзиг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвилийы фæстаг куырдиæттæ, кæцы, бæрæг куыд у афтæмæй, æртхъирæнтæ кæны политикон оппозицимæ æрцахстæй, ахæм номдзыд оппозиционер политикты æрдæм цахæмдæр сты, Гига Бокериа æмæ Ника Мелиа, фæарфдæр кодтой, зæрдæхсайд тæрхонон хъуыддæгты рæстæг æмæ аууæлттæм гæсгæ.
Уыцы рæстæдж, æвзæрстытæм ма иу афæдзæй къаддæр рæстæг куы баззад, сидын уæ хицауадмæ, æнæаргъæвгæйæ бацархайæнт ахæм æвзæрстгæнæн системæ сфидар кæнынæн, кæцыйæн уыдзæн æхсæнады æууæнк æмæ кæцы ифтонг кæндзæн алкæмæн æмбæрц уавæртæю Кæд ацы мадзæлттæ нæ сыххæст уыдзысты, уæд Гуырдзыстоны демокративон институттæм æнæууæнкы æмвæзад, гæнæн ис, йæ бын ракъаха фидæн азы æвзæрстыты легитимондзинадæн æмæ бæстæйы фæфыддæргонд тæрхонон системæйæн. Бæрæг куыд у афтæмæй, дыууæ бæстæйы æхсæн стратегион партнерады рагон чемпион, мæ зæрдæ уын зæгъы фенин цæмæй Гуырдзыстон адарддæр кæндзæн йæ цыд куыд сæрибар æмæ дилиæнфтыд æхсæнад, кæцыйы æхсæнадæмонæй нымад арæнтæ кæронмæ сты фидаргонд. Уæмæг æмгуыстадмæ куыд æмбæлы афтæмæй, ныфс нæм ис, цæмæй серьозонæй уæ зæрдыл дардзыстут ацы зæрдæхсайд æмæ алы æмбæстагы сифтонг кæндзыстут дзырды, прессæйы, æмбырды æмæ баиу уыны сæрибартæй, кæцы æмбæлы Гуырдзыстонмæ, куыд ЕÆÆО (OSCE)-ы уæнг бæстæйы хæстæм».