Саломэ Самадашвили – нæ бæстæйы уырыссаг хицауад алцыппæт аразы, цæмæй Гуырдзыстон, Европаг орбитæйæ фæстагмæ рацух уа
Бельги рахаста уынаффæ Гуырдзыстоны рацух кæна уыцы бæстæты ранымадæй, кæцытæ Евроцæдисы æдас бæстæтыл цæуынц нымад, – уый фæдыл «Лелойы» уæнг Саломэ Самадашвили райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Бельги ацы уынаффæ уый тыххæй рахаста, цæмæй Гуырдзыстоны абоны хицауад не ифтонг кæны закъоны сæйрагдзинад, сæрмагонд æмбæстæгтæн лæвæрд барты хъахъхъæд.
«Бельги рахаста уынаффæ, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, афтæ куыд уыцы бæстæты æмбæстæгтæ,к æцыты бартæ сæрмгаонд хицауад нæ хъахъхъæны, лигъдоны статусы лæвæрд фенцондæргонд процедурæйæ ацæуа. Фæнысангонд уынаффæ фæдисон у æмæ быцæусидт, кæцыйы ацы уынаффæ æвдисы у, нæ бæстæйы æмæ Евроцæдисы æхсæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлды режимы змæлдимæ у баст. Уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстон бирæазон куысты фæстиуæгæн ист евроцæдисимæ æнæвизæ режим ма фесафа, бæстæ æдас бæстæйыл нымад хъуамæ цæуа. Бельги ахæм уынаффæ куы исы, уæд ис серьёозон тас, цæмæй Бьельгийы фæстæ æндæр бæстæтæ дæр ацæуой æмæ нæдæр уый у цух, цæмæй уыдонæй иуæй-иутæ Евроцæдис ыбонвæткы æнæвизæ змæлды фæурæды механизм скусын кæныны фарста слæууын кæна. Нæ бæстæйы уырыссаг хицауад къухæмдзæгъдæй куы æмбæлы Владимир Путины уынаффæйыл Гуырдзыстонимæ æнæвизæ режим скусын кæныны фæдыл, сæрмагонд политикæйæ тас сæвзæрын кодта Евроцæдисимæ æнæвизæ змæлдæн. Уый та ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй сæйраг националон рард ацы хицауады раивын хъуамæ уа», – банысан кодта Саломэ Самадашвили.