Саломе Зурабишвили - Чи схуыдта Уæллаг Абхазæй Къодоры ком, чи ауæрæхдæр кодта конфликты зонæ хъæды æхсæн чи фæуагъдта нæ лæппуты, ацы фарстытыл дзуаппытæ раттын æнæмæнгæй хъæуы
Чи схуыдта Уæллаг Абхазæй Къодоры ком, чи ауæрæзхдæр кодта конфликты зонæ æмæ Цхинвалы регионы Хуссар Ирыстонæй официалонæй чи схуыдта, чи ныууагъдта Къоджоры нæ зынаргъ хотыхтæ æмæ чи фæуагъдта хъæды æхсæн нæ лæппуты, ацы фарстытыл дзуаппытæ раттын æнæмæнгæй хъæуы, – уый фæдыл президенттæм хæдбар кандидат Саломе Зурабишвили, сæрмагонд æвзарæнон штабы презентацийы рæстæджы райхъусын кодта.
Саломе Зурабишвилийы ныхæстæм гæсгæ, хæсты тыххæй йæ æрдæм «къæных æмæ æнæрхъуыды фарстытæ хъуысыец, кæцы бындурæвæрд сты контекстæй рæдывд ныхæстыл».
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ис тынг бирæ фарст, кæцытæн дзуаппын раттын хъæуы.
Афтæма, президенттæм хæдбар кандидаты иуæй-иу фарст у, цæмæн ничи æрсидтис æхсæнадæмон дзыллæмæ хæсты фыццаг бон, куыддæриддæр æй Уæрæсе райдыдта уæд.
«Цæмæн нæ загъдтам уайтагъддæр, Уæрæсе хæстмæ кæй рахызт уый, цæмæ æнхъæлмæ кастис уæды рæстæгон хицауад?
Æмæ æппынфæстаг, чи мæ аххосджын кæны, цæмæй барады æрдгæй, æхсæнадæмон барады дауты рæстæджы, гæнæн ис цитатæтæ кæцыты æз нæ загътон, ноджы иу хатт уын зæгъын, цитатæтæй спайда кæной бæстæйы ныхмæ, цæмæн ничи хъуыды кæны цæмæй нæ бæстæйы уæды премьеры, президенты, фæсарæн хъуыддæгты министры уæдыккон фидиуæнтæ æмæ ныхæстæ уыцы бонты нæй гæнæн разнаггад кæна Гуырдзыстоны хъуыддагæн æхсæнадæмон тæрхондоны, цæмæн нæ хъуыды кæнæм уый æппæтыл», – загъта Саломе Зурабишвили.
Президенттæм хæдбар кандидаты дзырдæй, уымæн зæгъгæ йæ удхæссæг у дзырд «гадзрахатгæнæг» фæлæ æгæр бирæ фарстыл хъæуы дзуапп раттын.
«Чи у гадзрахатгæнæг, ацы ныхас нæ уарзын, нæ пайда кæнын æмæ дзы се рдæм куы спайда кæнон уымæй дæр æфсæрмы кæнын, фæлæ фарст раттæм – чи схуыдта Уæллаг Абхазæй Къодоры ком, чи ауæрæхдæр кодта конфликты зонæ æмæ Цхинвалы регионы Хуссар Ирыстонæй официалонæй чи схуыдта, чи ныууагъдта Къоджоры нæ зынаргъ хотыхтæ æмæ чи фæуагъдта хъæды æхсæн нæ лæппуты, – ацы фарстытыл дзуаппытæ иумæ куы ратдзыстæм, фæлæ æцæгæй дæр хъæуы дзуаппытæ рацагурын. Ницы уæлдай у уыдзынæн президент æви нæ, фæлæ æнæмæнгæй уыдзынæн. Ацы фарстытыл дзуапп бынтон æндæр цæуылдæр баст у, цæмæй мах кæдæй-уæдæй, нæ ивгъуыдыл , нæ хицауады фыдракæндты тыххæй реалондзинад зонæм, уымæн æмæ нæм æнхъæлмæ кæсы фидæн. Ацы фидæны та хъуамæ хъуыддаг аразæм, сæнæхъæн кæнæм æмæ йæ цæмæй сæнæхъæн кæнæм, хъуамæ баздæхæм не фсымæртæм Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны а.х. републикæты, цæмæй мæ ноджы мацæмæй фæазымджын кæнат, хъуамæ сæм баздæхæм, цæмæй уыдон дæр сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ, цæмæй сæ ницæмæ хъæуы Уæрæсейы æрдгæй сæрыл дзурын, цæмæй йæ махæй баиргъæва, цæмæй æнæмæнгæй баиу уыдзыстæм», – райхъусын кодта Саломе Зурабишвили.