Саломе Зурабишвили – ацы æнæраст фæстиуæг ахæм уавæры ничи ныууадздзæн, иумæ стæм, нæ хъæлæс йеддæмæ нæм ницыуал ис
Чи дæ ам, æвзæрстыты нæ фæхæрд дæ. Уæ хъæлæс адавтой æмæ уæ фидæн дæр адавынмæ хъавыдысты, фæлæ уый бар никæмæн ис – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент, Саломе Зурабишвили парламенты цур митингы хайадисджытæн расидтис.
Саломэ Зурабишвилийы ныхасмæ гæсгæ, раллийы хайадисджытимæ кæронмæ уыдзæн, европæйаг фæндагыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уымæн ис активон ахастытæ фæсарæйнаг бæрнонтимæ.
«Алчидæр нын иу хъуыддаг зæгъы, фыццаджы дæр, ныртæккæйы æвзæрстытæ ничи нымайы уыцы иу нæлгоймагæй дарддæр, кæцы йæ ам сарæзта, фæлæ нын алчидæр зæгъы, цæмæй адарддæр кæнæм фæдагуырд æмæ йæ кæронмæ бахæццæ кæнæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хъуыддагæн нæ бон у райсæм æхсæнадæмон фарсылхæцындзинад, цæмæй ацы фæдагуырд æххæст уа æмæ æнæдзуаппæй иу фарст дæр ма ныууадзæм. Ацы хъуыддаджы тынг активонæй архайынц нæ цæстдарæг организацитæ, нæ æнæхицауадон организацитæ æмæ политикон партитæ. Иумæйагæй, уæ æххуысæй, уæм ис бирæ бæлвырдгæнæнтæ дæр, хъæуы æххæст ныв саразын, куыд æрцыд ацы æнæпрецедентон, ацы æнæпрецедентон, уникалон хъæлæсæппæрст, афтæ масштабон, афтæ системон, уый у стыр операци, развæлгъау нывæзтгонд , кæцы нын байста нæ хъæлæстæ, Парламент Æмæ нын байстой конституци. Фæлæ уæддæр хъуамæ бакусæм ацы фæстиуджыты сфидар кæныныл æмæ домын ацы фæстиуджыты реализаци», -расидтис Зурабишвили.
Саломэ Зурабишвили куыд банысан кодта афтæмæй, «ныр пессимизмы рæстæг нæу, къухтæ æркъуырын æмæ ууыл сахуыр уæвын, ныр у тынг сабырæй, ахастæй, нысанмæздæхтæй уæхи хъæлæстæ бахъахъхъæныны рæстæг».