Статистикæйы национ куысты информацийæ, 2022 азы февралы, раззаг азимæ абаргæйæ, инфляцийы æмвæзад Гуырдзыстоны 0.9 процент, æрмæст афæдзон инфляцийы æмвæзад та 13,7 % бæрц у.
Базисон инфляцийы фæдыл фæнысангонд бæрæггæнæн 2022 азы февралы ивгъуыд азы æмбæлгæ периодимæ абаргæйæ, 5.1 % уыд, æрмæст тамакойæ цух, афæдзон базисон инфляцийы бæрæггæнæн афтæдæр 5.1 процентæй фæбæрæги.
Æргътæ райрæзтысты ахæм дæлкъордтыл: халсар (10.8%), минералон æмæ суадоны дæттæ, æнæалкоголон нозт (6.8%), джем æмæ æндæр адджинæгтæ (3.1%) зети æмæ сой(3.0%) кофи, цай æмæ какао (2.7%), дзур æмæ дзулпродуктæ(1.7 %), кæсаг (1.4%). Уыимæ æргътæ фæкъадæдр сты æхсыры, цыхты æмæ рæвдуæттыл (-2.7%).