Сакстат – 2023 азы æртыккаг кварталы Гуырдзыстоны сеппæтæй фылдæр 52 милуан доллары комкоммæ фæсарæйнаг инвестици АИШ-æй сыххæст ис
Статистикæйы националон куысты рагафон бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны сæххæст комкоммæ фæсарæнаг инвестициты бæрц 2023 азы æртыккаг кварталы 316.0 млн доллармæ ахæццæ ис.
Сакстаты хусинагæй, 2023 аз æртыккаг кварталы раззаг азы аналогион периодимæ абаргæйæ, комкоммæ фæсарæйнаг инвстициты бæрц фæкъаддæри 61.5 процентæй.
Уагдоны информацийæ, фæкъаддæры расайæг сæйраг аххос у хæсты æмæ реинвестирдзинады бæрцы фæкъаддæр. Уыцы периоды, раззаг азы æмбæлгæ периодимæ абаргæйæ, акцион капитал 2,5-хатты сырæзт æмæ 590.3 млн АИШ доллары бæрц у, æрмæст реинвестицийы бæрц 30 процентæй фæкъаддæр ис æмæ 329.2 млн АИШ доаллыр бæрц у.
Хыгъдон периоды, Гуырдзыстоны сæххæст комкоммæ фæсарæйнаг инвестицитæм гæсгæйæ, ставддæр инвестор бæстæты нымæцы, фыццаг бынатыл ис АИШ-æ – 51.8 млн АИШ долларæй, кæцы æмтгæйон комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты 16.4 проценты бæрц , дыккаг бынатыл ис Иугонд Падздахад – 45.8 млн АИШ долларимæ, æртыккаг бынатыл та Нидерландтæ -45.3 млн АИШ долларимæ. Фондз сеппæтæй ставддæр инвестор бæстæты хай инвестицитæ æмтгæйон бæрцы 58.7 процент у.
Статистикæйы национ куысты информацийæ, 2023 азы æртыккаг кварталы сеппæтæй фылдæр комкоммæ фæсарæйнаг инвестици финнсон æмæ фæдзæхсыны секторты сыххæст ис æмæ 80.2 млн. АИШ доллармæ ахæццæ ис, кæцы æмтгæйон комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты 25.4 процент у. Дыккаг бынатыл ис транспорты сектор – 61.9 млн АИШ долларимæ, æрмæст æртыккаг бынат ахсы информацийы æмæ коммуникациты сектор 41.0 млн АИШ долларимæ. Фондз ставддæр экономикæйы секторы хай, инвестициты æмтгæйон бæрц 77.3 процент у.