Сæрды сезонмæ, Тбилисæй регулярон бæлццонон рейсытæ 52, æрмæст Кутаисæй 28 ардæмадæй сæххæст уыдзысты
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæцудгæ райрæзты министрады тугтæрхоны барады юридикъон уæнг Æмбæстагон Авиацийы Агентад, сæрды навигацион сезонмæ, авиакомпанитæн тахтыты уагæвæрд сфидар кодта.
Агентады информацийæ, марты фæстаг хуыцаубонæй октябры фæстаг сабатмæ, Гуырдзыстоны æхсæнадæмон аэропортты, къуырийы мидæг астæуккаг, 590 рейс сыххæст уыдзæн. Ивгъуыд азы аналогион периоды, къуырийы мидæг сæххæст рейсыты нымæц уыдис 540, уымæ æмбæлгæйæ дæр, регулярон рейсыты нымæц, цæугæ сæрды навигацион сезонмæ, 9 процентæй фылдæр кæны.
Авиарейсытæ дыууæ гуырдзиаг æмæ 39 фæсарæйнаг авиакомпани æххæст кæндзысты, æртæ уæзласæг авиакомпаниимæ иумæ.
Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй, регулярон бæлццонон рейстæ сæххæст уыдзæн 52 ардæмадæй: Афинæтæ, Алма-Ата, Амстердам, Анкъара, Актау, Барселона, Баку, Бахрейн, Болонья, Брюссель, Берлин, Бухарест, Дамам, Доха, Дубайи, Екатеринбург, Эл-Кувйет, Ереван, Варшавæ, Венæ, Воронеж, Тегеран, Тель-Авив, Киев, Краснодар, Лондон, МИнскъ, Мюнхен, Мæскуы, Новосибирск, НУр-Султан, Париз, Пекин-Урумчи, Пермь, Прагæ, Жуковски, Ригæ, Рияд, Ростов, Самара, Салоники, Санкт-Петербург, Сочæ, Стамбул, Урумчи, Уфа, ХЪазан, Шар-эль-Шейх, Шаржа, Гераклион æмæ Хургада.
Кутаисы æхсæнадæмон аэропортæй регулярон бæлццонон рейсытæ сыххæст уыдзæн 28 ардæмадæй: Афинæтæ, Базел, Бари, Барселона, Берлин, Брюссель, Будапешт, Гданскъ, Дортмунд, Эиндховен, Варшавæ, Вильнюс, Венæ, Вроцлав, Катовице, Коппенгаген, Краков,Ларнакæ, Лондон, Меминген, Милан, Мæскуы, Париз, Прагæ, Ригæ, Ром, Салоники æмæ Таллин.
Батумы æхсæнадæмон аэропортæй регулярон бæлццонон рейсытæ сыххæст уыдзæн 14 ардæмадæй: Баку, Дубайи, Екатеринбург, Тель-Авив, Киев, Минскъ, Мæскуы, Новосибирскъ, Пермь, Рияд, Ростов, Санкт-Петербург, Стамбул æмæ Хъазан.
Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй регулярон рейсытæ æххæст кæндзысты компанитæ: Silk Way Airlines, Cargolux æмæ Turkish Cargo ацы ардæмадтæй: Баку, Люксембург (Тбилисæй –Туркменбашимæ) æмæ Стамбул (Тбилисæй- Измырмæ).