Сæны националон агентады организацигондæй, Гуырдзыстонмæ япойнаг  сæны профессионалтæ фæуазæг сты
Сæны националон агентады организацигондæй, Гуырдзыстонмæ япойнаг сæны профессионалтæ фæуазæг сты

Гуырдзыстоны  уазæгуат уыдис япойнаг  сæны магистр Кеничи Охаши  æмæ япойнаг сæны профессионалты бал.  Туры фæлгæтты, уазджытæ сæны  компанитæм æмæ сæны ныккæндтæм  фæуазæг сты Кахеты, цы ран  æндæр æмæ æндæр номхуынды  гуырдзиаг сæнтæ  басгæрстой æмæ быркуыйы æрцæттæйы  технологитимæ  æрзонгæ сты.

10 лæгон балы сконды  сæны импортертæ æмæ медиайы  минæвæрттæ  уыдысты. Туры хайадисджыты тæлмæнтæ æмæ  аргълæвæрдтæ  япойнаг   рауагдады æмæ æндæр æмæ æндæр блогты  уыдзысты  публикацигонд, кæцы  йæ къух сараздзæн   гуырдзиаг сæны фæдыл зонындзинад сбæрзонддæрæн æхсæнадæмон аренæйыл.

Япони гуырдзиаг сæны, иуæй-иу  стратегион экспортон базар у. сæны  националон агентады æххуысæй, япойнаг базармæ гуырдзиаг сæны  фыццаг  масштабон бавдыст  2014 азы æрцыд. Уый фæстæ, паддзахады  æххуысæй, гуырдзиаг сæны компанитæ иудадзыг хайад исынц престижон равдыстыты  Foodex Japan æмæ Wine and Gourmet Japan, уагъд цæуы  гуырдзиаг сæны  бавдыст-дегустацитæ Японийы  æндæр æмæ æндæр горæты,  япойнаг  сæны  профессионалты  æмæ медиайы минæвæрттæн арызт цæуы  сæны туртæ Гуырдзыстоны алы регионы.

Информаци хъусын кæны сæны националон  агентады  пресскуыст.