Сæйраг сахары бюджетæй  эндопротезты иумæйаг программæйы финанскæнынад дарддæр кæны
Сæйраг сахары бюджетæй эндопротезты иумæйаг программæйы финанскæнынад дарддæр кæны

Тбилисы мэри адарддæр кæндзæн «Иумæйаг эндопротезы» программæйы реализаци ацы аз дæр, – уый фæдыл сæйраг сахары мэр Каха Къаладзе муниципалон хицауады абоны рабадтыл расидтис.

Уый загъта, зæгъгæ, муниципалитет æппæт дæр сараздзæн, кæй хъæуы æмæ æххуысхъуаг чи у, уыдонæн баххуыс кæнынæн.

“Социалон æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады программæтæ ахсынц тынг ахсджиаг бынат нæ бюджеты. Мах æххуыс кæнæм æппæт уыцы адæмæн, кæцыты нырма хъæуы нæ æххуыс. Уымæ гæсгæ мæ фæнды æхсæнадæн раттын информаци тынг ахсджиаг программæйы тыххæй. Уый у программæ “Иумæйаг эндопротез”. Программæйæ пайда кæнын Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн ис гæнæн, кæцытæ Тбилисы муниципалитеты фæстаг дыууæ азы дæргъы регистрацигонд сты æмæ кæцытæ программæмæ хаст рæстæджы æппæтдунеон æнæнизхъахъъхæды программæйы фæлгæтты ацы лæггадæн финансгонд не сты. Программæйы бенефициарæн ис фадат сæрибарæй равзарын медицинон уагдæттæ æмæ протезты хуызтæй. «Программæ алы æмбæстагæн лæвæрд цæуы 6000 ларийы», – банысан кодта Каха Къаладзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, лæггæдтæ райсыны тыххæй æмбæстаг кæнæ йæ закъонон минæвар хъуамæ бацæуа æмбæлон медицинон уагдонмæ, кæцы хъæугæ гæххæттытæ бахæсдзæн сæрмагонд электронон модульмæ.

Тбилисы мэры ныхасмæ гæсгæ, кæд æмæ æмбæстаг пайда кæны сæрмагонд страховкæйæ, уый фæстæ медицинон уагдон куырдиат модулмæ бахæссы уый фæстæ, уый кæнæ йæ минæвар мэрийы сæрмагонд страховкæйы компанийы сертификат хъуамæ бавдиса.

б”Программæйы скуыстæй фæстæмæ, 2023 азы сентябрæй абоны онг мах финанс кодтам 812 цауы. Ноджы иу хатт мæ фæнды зæгъын нæ цæттæдзинад æмæ фарсылхæцындзинад уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæн ис ацы хъуагдзинад. Уæ бон у спайда кæнат ацы программæйæ æмæ муниципалитет кæддæриддæр уыдзæн уæ фарсмæ. Мах уын куыд гæнæн ис афтæ баххуыс кæндзыстæм уæвæг проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн”, — загъта Тбилисийы мэр.