Сæйраг горæты  сæрмæмулкы бæлвырдгæнæн æвдиснгæххæтытæ лæвæрд уыдзæн ноджы 218 бинонтæн
Сæйраг горæты сæрмæмулкы бæлвырдгæнæн æвдиснгæххæтытæ лæвæрд уыдзæн ноджы 218 бинонтæн

Тбилисы ноджы 218  бинонтæм уыд  лæвæрд   сæрмагонд  цæрæн  фæзуат? –  уый фæдыл  Тбилисы мэр Каха Каладзе,  муниципалитеты  хицауады рабадтыл   райхъусын кодта.

Йæ дзырдæй зæгъгæ  ацы  бинонтæ рагæй  æнхъæлмæ кæсынц  уымæ, цæмæй  сæм цæрæн фæзуаттæ, кæцыты азты дæргъы цæрынц,  уыдонæн сæрмæмулкмæ лæвæрд æрцæуа.

«Закъонмæ гæсгæ,  æнæбæлвырд   мулкы сæрмагонд исадмæ  алæвæрд   нысаниуæгджын программæ у. Уый æххæст кæнын райдыдтам  2017  азæй. Ацы  этапыл   Самгоры  районы  сæрмæмулк  закъонмæ гæсгæ  сбæлвырд ис  77 бинонтæн.  Вакейы  районы -57  бинонтæн, Надзаладевийы районы -26 бинонтæн, Глданийы  -31, Сабурталойы районы –  21 бинонтæн, Исанийы – 5, Чугъуреты  районы та   иу  хæдзары бинонтæн», – райхъусын кодта Каладзе.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ æмбæстæгтæ, кæцытæн аналогон  проблемæ  ис, хъуамæ баздæхой  сæрмагонд районты  гамгеобатæм.

«Кæмæндæриддæр ахæм проблемæтæ ис, уыдонæн сæ  бон у  баздæхын  сæрмагонд районы  гамгеобатæм  æмæ  бавдисын   æмбæлгæ документтæ, цæмæй райдайæт  цæрæн хæдзæртты  сæрмæмулкмæ  алæвæрды  процесс», –   банысан кодта Каха Каладзе.