Саджад Карими – Гуырдзыстонæн Европаг базар, арæнтæ гом сты, ацы бадзырдты хонын фантастикон æнтыстытæй
Гуырдзыстонæн гом у европаг базар, арæнтæ, ацы бадзырдты схонин фантастикон æнтыстытæй – уый фæдыл европарламентар, ассоцаицидзинады парламенты комитеты æмсæрдар Саджад Карими райхъусын кодта.
«Цалдæр азы размæ ничи ахъуыды кодтаит, цæмæй æмкуыстдзинады ахæм гъæдыл фæныхас кодтаиккам. Мах æцæгæй дæр рацыдыстæм стыр фæндаг æмæ ахæццæ стæм уыйæнгты ома Гуырдзыстон асоциацигонд уæнг у æмæ Гуырдзыстонæн гом сты Европаг базар æмæ арæнтæ. Æз ацы бадзырдты хонын фантастикон æнтыстытæй. Уый гæнæн ссис Гуырдзыстон цы реформæтæ ауагъдта уый руаджы, гуырдзиаг адæмы тыхархайды æмæ фæндоны фæрцы. Æнæфæцудгæ у Гуырдзыстоны фæстаг, æвзарæн æмæ уырнæг дæн, цæмæй æнæфæцудгæ уыдзæн Гуырдзыстоны æрдæм Европæйы æххуыс дæр. Уый у нысаниуæгджын æмæ лæмбынæг æмгуыстад. Егъау прогрессмæ æрхæццæ стæм æмæ алы æнтыстджын къахдзæф у къундæг ахастыты фæстиуæг. Европарламент йæ хъусдард здахы бирæ фарстайы æрдæм, прогрессы, размæцыды æмæ уыцы сферæты æрдæм, кæцыты дæр ноджы фылдæр хъуамæ саразæм фидæн прогрессы тыххæй.
Гуырдзыстоны тынг дзæбæх зоны, цæмæй евроцæдисы æрдæм цыд къахдзæф-къадзæф вæййы. Гуырдзыстон дарддæр кæны фæндаг æмæ не рдыгæй æххуысы ныфс уæм хъуамæ уа. Ис нæм ардæмад, мысæнттæ æвæрд сты, ис дзы прогресс, зонæм кæм фылдæр саразын хъæуы æмæ цæй ма иумæ адарддæр кæнæм куыст» – хъусын кæны Саджад Карими.
Европарламенты пленарон сессийы абон Гуырдзыстоны æрдгæй ассоциацидзинады бадзырды сæххæсты фæдыл хыгъдлæвæрд кæсынц. Хыгъдлæвæрды автор у европарламенты депутат Андрес Мамыкинс.