Сабион Евроуынынад 2018-ы финалы, 25 ноябры гуырдзиаг конкурсант Тамар Эдилашвили, Минскъы аренæйыл 13-æм номырæй рацæудзæн.
Халæппæрстмæ гæсгæйæ, шоуы Украинæйы минæвар байгом кæндзæн, æппынфæстаг та сценæмæ схиздзæн польшайаг конкурсант.
2018 азы сабион Евроуынынады зарæджы конкурсыл Гуырдзыстонæй рацæудзæн Тамар Эдилашвили, зарæгæй «Шени Хма» (Дæ хъæлæс). КОнкурсон зарæджы автор у СОпо Тъорошелидзе, æрмæст текксты автор та – Александре Лорткипанидзе.
Сабион евроуынынады радæй 16-æм зарæджы конкурсæн сфысым кæндзæн Белорус. Масштабон шоу Минскъы 25 ноябры ацæудзæн. Конкурсы хайад исынц 20 бæстæйы минæвæрттæ.
Хайадисджытæ сценæйыл ацы фæткæй ралæудзысты:
- Украинæ
- Португали
- Хъазахстан
- Албани
- Уæрæсе
- Нидерландтæ
- Азербайджан
- Белорус
- Ирланди
- Серби
- Итали
- Австрали
- Гуырдзыстон
- Израиль
- Франц
- Македони
- Сомихыстон
- Уэльс
- Мальтæ
- Польшæ.