Сабион Евроуынынадыл хъæлæскæнынад абон 21:00 сахатыл райдайдзæн

Сабион Евроуынынады конкурсыл  хъæлæс кæнын  абон 21:00  сахатæй  райдайдзæн.

Конкурсы историйы фыццаг хатт,  кæсджытæм фæзындзæн фадат, сæрмагонд  бæстæйы конкурсантæн  схъæлæс кæной онлайн режимы. Кæсджытæн сæ бон уыдзæн  16 бæстæйы æхсæн, максимум  5  фавориты  равзарой.

Онлайн режимы  хъæлæскæнынады процедурæ, 26 ноябры, грандиозон шоуйы   райдаыны размæ  æрцæудзæн урæд  æмæ сценæйы 16  конкурсанты   рацæуыны фæстæ, 15 минуты æмгъуыдмæ  сног уыдзæн.  Онлайн хъæлæстæ та  конккрсантты хыгъдыл фæзындзысты  баллты  хуызæй.

Уæлахисгонд конкурсант  æхсæнадæмон жюрийы аргълæвæрдæй  æмæ онлайн  баллты  фæстиуджыты фæрцы рабæрæг уыдзæн.

Сабион Евроуынынады фæдыл  ног хабæрттæм  кæсут  дæнцæгыл.