Абон  ацæудзæн  Сабион Евроуынынад, кæцыйыл Гуырдзыстоны минæвар  Нико Каджаиа дыккæгæм номырæй  рацæудзæн
Абон ацæудзæн Сабион Евроуынынад, кæцыйыл Гуырдзыстоны минæвар Нико Каджаиа дыккæгæм номырæй рацæудзæн

Абон, 19  цыппурсы, Тбилисы рæстæгæй  19:00  сахатыл,  Паризы  ацæудзæн   радæй  19-æм Сабион Евроуынынад, кæцыйы хайад исы  19  бæстæ.

Традиционæй  Сабион Евроуынынады комкоммæ  трансляи   радæтдзæн  Æхсæнадон Уацхæссæг.

Сабион  Евроуынынадыл  Гуырдзыстоны  минæвар  Нико Каджаиа «Ла Сен Мусикалы»  сценæйы  дыккæгæм номырæй   ралæудзæн.

Проект «Ранинайы»  уæлахиздзау Николоз Каджаиа  Гуырдзыстоны  номйæ   Сабион  Евроуынынадыл рацæудзæн  Гига Къухианидзейы  зарæгимæ lets count the smiles рацæудзæн.

Сабион Евроуынынады  хъæлæскæнынад цæуы æмæ   уæ бон у, Гуырдзыстоны æмæ дунейы  кæцыфæнды  ранæй схъæлæс кæнат Нико Каджаиайæн.

Хъæлæскæнынад цæуы  веб-фарсыл – vote.junioreurovision.tv æмæ 19 декабры  Сабион Евроуынынады  концерты агъоммæ  фæлæудзæни, стæй  та   фæстæмæ  сног уыдзæн 15 минутæй, конкурсон зарджытæ иууылдæр куы  сыххæст уыдзысты уый фæстæ.

Гуырдзыстоны мнæваримæ иумæ уæ бон у  схъæлæс кæнат ноджы  дыууæ  конкурсантæн. Уæ  иу  хъæлæс  бæрæггæнæг уыдзæн  æронбæттæн  фæстиуæгы  æрдæг, иннæ æрдæгы  та  жюри.  Фæуæлахиз уыдзæн   уыцы  зарæг, кæцыйæн уыдзæн сеппæтæй  фылдæр  хъæлæстæ.