Сабион Евроуынынады уæлахизгонд Франц сиис
Сабион Евроуынынады уæлахизгонд Франц сиис

Франц рамбылдта Сабион Евроуынынады зарæджы конкурс 2025. Бæстæйы номæй уыд Лу Делуиз.

Франц жюрийы уæнгтæй 152 хъæлæс æмæ онлайн хъæлæстæй та 96 баллы райста.

Гуырдзыстон конкурсы æртыккаг бынатмæ æрцыд. Абгариани Анита жюрийы æрдыгæй 121 баллы æмæ онлайн хъæлæсты фæрцы та 55 баллы райста.

Гуырдзыстон дыккаг хатт сарæзта Юниор Евроуынынады. 18 бæстæйы архайдтой конкурсы.