Сабион Евроуынынад 2020-ы конкурсы фæуæлахиз ис Франц

2020 азы   Сабион Евроуынынады  зарæджы  конкурсы  уæлахизгонд ссис Францы  минæвар  Валентина (Valentina) зарæгæй  J’imagine. Конкурсант æрымбырд кодта  200  баллы.

Гуырдзыстоны  минæвар Сандра Гаделиа   111 баллимæ  æхсæзæм бынатыл ис.

Сандра Гаделиа 7-æм номырæй рацыд.  Гуырдзиаг конкурсант  азарыд Гига Кухианидзейы зарæг  «Ды иунæг нæ дæ» (You are not alone) .

Пандемийы тыххæй  Сабион Евроунынады  ацы азы   конкурс хайгай дистанцион режимæй  ацыд. . Сабион еврофестивалы  12 бæстæйы   минæвæрттæ  истой  хайад.

Сабион Евроуынынады  конкурсыл   схъæлæс  кæнын  гæнæн уыд онлайн режимæй.  Сабион Еврофестивалы  комкоммæ  трансляци, т радиционæй  цыдис   Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл.