Руставы 12 пенитенцион уагдоны цур Михеил Саакашвилийы фарсхæцæг акци цæуы
Руставы 12 пенитенцион уагдоны цур цæуы Михеил Саакашвилийæн фарсхæцæг акци, кæцыйы организатор у Иугонд националдон Змæлд.
«Националон Змæлды» сæрдары Ника Мелиайы фидиуæнæй, куыд гæнæн ис афтæ тагъд Михеил Саакашвили хъуамæ ссæрибар уа,умæн æмæ фыццаджы дæр уый хъæугæ у бæстæйы фидæнæн.
«Михеил Саакашвилийы æнæниздзинад бафæраздзæн, Михеил Саакашвили уыдзæн физиконæй хъахъхъæд, Сааакашвили барæй сарызта ацы къахдзæф. Удцырын гуырдзиаг куы нæ уаид, уыцы арад куы нæ уаид, кæцы сæдæгай мин æмбæстагæн ис, цæмæй иу хатт æмæ æнусмæ бæстæ ауына стыр Европаг бинонты æхсæн, Михеил Саакашвили ацы къахдзæф нæ сарызтаит» – банысан кодта Ника Мелиа.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ 30 октябр у бирæйы бæрæггæнæг ацы бæстæйы.
«Нæ уын бамбæхсдзынæн, мæ зæрдæ риссы, уый нымæцы «Националон Змæлды» тынг чысыл хай дзуры, цæмæй дам æвзæрстытæн ницы нысаниуæг ис, ницы нысаниуæгджын дам у æвзæрстыты хайад райсын æмæ ацы рæстæджы ныхас кæны Михеил Саакашвилийы ахæстонæй ссæрибар кæныныл. Комкоммæ уын дзурын, иу иннæимæ тынг къуындæг баст у. 30 октябры аскеуыддзаг уыдзæн, ацы бæстæ паддзахадмæ куыд æмбæлы афтæ адарддæр кæндзæн рæзынад, æви архайæм куыд Уæрæсейы Федерацийы фæстаг кæрт. 30 октябры аскуыддзаг уыдзæн Михеил Саакашвили бирæ азы арвитдзæн кæм ис уым, æмæ ма дзы махæй бирæтæ бадзыстæм уым, æви нал уыдзæн ахæстоны. Уæд ахицæн кæнæм, 30 октябры хъæуы нæ тох кæнын æви нæ, ахæм у рæстдзинад» – райхъусын кодта Ника Мелиа Руставы 12-æм пенитенцион уагдоны цур цæугæ акцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы.