Руставелийы проспекты æмæ Мтацъминдайы паркы иугæнæг рæтæн фæндаг байгом ис
Руставелийы проспект æмæ Мтацъминдайы парк иугæнæг рæтæн фæндаг байгом ис.
Тбилисы мэрийы информацимæ гæсгæ, тымбыл, иунæг бæндæн, гондолæйон рæтæн фæндаг у инженерон конструкци, кæцыйы сконды сты дæллаг æмæ уæллаг станцæтæ æмæ станцæты æхсæн фондз æнцойгæнæг мачтæ. Уыцы-иу рæстæг рæтæн фæндаджы реабилитацийы фæлгæтты дæллаг станцæйы мидæггаг æххæстæй сцалцæг æмæ хæрзарæзт æрцыд. Фæнысангонд станцæ у зæронд рæтæн фæндаджы æфсæнбетон бæстыхайы æмæ йыл арæзт æфсæйнаг конструкцийы бæстыхайы комбинаци.
Мэрийы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, арæзт æрцыд уæллаг змæлды станцæ æмæ æрæвæрдтой фондз æххуысгæнæг конструкцийы. Станцæты æхсæн æрæвæрдтой дыууæ бæндæны (d = 47 мм), кæцыты уылты гондолæтæ змæлдзысты станцæты æхсæн 5 м/с тагъдадæй. Бæлццæттæн лæггад кæндзысты 21 иуæджы 8-бынаты гондолæтæ æмæ фæндаг ахиздзысты 4.07 минутмæ. Канаткæйæн йæ бон у сахатмæ иу здæхты ласын 1200 бæлццоны.
Уымæй уæлдай ма, мэрийы информацимæ гæсгæ, Руставелийы проспект æмæ Мтацминдайы паркы æхсæн рæтæн фæндаджы арæзтадон хайы арæзтадон компани «Даги» дзуапп лæвæрдта, инженерон хай та æхсæнадæмон компани «Доппельмайер» сæххæст кодта, æмæ реабилитацигонд рæтæн фæндаджы лæвæрд æрцыд «Мтацъминдайы парчы» администрацийæн разамынд дæттыны тыххæй. Проекты иумæйаг аргъ у 50 милуан ларийы. Тбилисы мэрийы алфæмблайы хъахъæды горæтон службæ, Руставелийы проспект æмæ Мтацъминдайы парк иугæнæг канатон фæндаджы амад æмæ реабилитацийы фæлгæтты, рæтæн фæндаджы бынæй станцæйы цур сквер сорганизаци кодта. Фæзуаты, кæцыйы фæзуат у 1300 квадратон метры, рухсдæттæн цæджындзтæ æвæрд æрцыдысты аутентикон æгъдауæй, къахвæндæгтæ æвæрд æрцыдысты, дыууæ фонтаны сног кодтой, инфраструктурæ ивд æрцыд æмæ ног парчы дзаумæттæ æвæрд æрцыдысты. Афтæ ма сорганизаци кодтой дондзæуæн æмæ канализацион системæтæ, æххæстгонд æрцыдысты хæрзарæзтадон куыстытæ, территорийыл арæзт æрцыд донуадзæн системæ, ныссагътой алыгъуызон талатæ æмæ кæрдæг. Фæнысангонд куыстыты аргъ уыд 700 000 ларийы.