Ромы Пап, Сыгъдæг Петры фæзыл æрымбырдуæвæг адæмæн Куадзæн раарфæ кодта
Ромы Пап, Сыгъдæг Петры фæзыл æрымбырдуæвæг адæмæн Куадзæн раарфæ кодта æмæ сæххæст кодта мессæ.
Франциск цъус рæстæджы размæ ралæууыд Ватиканы æрмбырдуæвджыты раз. Мессæмæ бацыд мингай адæймаг.
Мессæы фæстæ понтифик балконæй æрсидтис æрымбырдуæвæг адæммæ. Уый æппæт дунейы цæрæг католиктæн Куадзæн раарфæ кодта. Франциск æндæр æмæ æндæр бæстæты æмæ регионы уæвæг уæззау уавæры кой ракодта. Уый нымæцы Æввахс Скæсæны, Сирий, æмæ Украинæ. Ромы Пап æрсидтис фыдæвзарæны уæвæг адæмы фервæзынæн фæкувой.
Динамынды хай цыдис æдæр æмæ æндæр æвзæгтыл. Сæ нымæцы Италиаг, францаг, китайаг. Чырыстонон дунейы хай Куадзæны бæрæгбон нысан кæны. Сегасæй стыр чырыстонон бæрæгбоны фыццаг апрелы нысан кæныСомихы Апостолон Арргъуан æмæ Евангели-Лютеранон аргъуан. Уыцы чырыстонон аргъуантæ, кæцытæ юлиайнаг къæлиндармæ гæсгæ архайынц,, Куадзæн сбæрæгбон кæндзысты иу иннæ къуырийы.