Ромы Пап диныл æфтыд адæммæ æрсидтис -  куыд чырыстæттæ, Цыппурсы бæрæгбон хъуамæ  сбæрæгбон кæнæм хæдæфсармдзинадæй
Ромы Пап диныл æфтыд адæммæ æрсидтис - куыд чырыстæттæ, Цыппурсы бæрæгбон хъуамæ сбæрæгбон кæнæм хæдæфсармдзинадæй

Ромы Пап Франциск  хæсты зиангонд адæймæгты  тыххæй  скуывдта æмæ рекомендаци ратта, цæмæй Цыппурсы æхсæв чырыстон дины фæдонтæ  хæдæфсармдзинадæй сбæрæгбон кæной.

«Мах ъ\уыды кæнæм Палестинæйыл, Израилыл, Украинайыл.  Афтæдæр хъуыды кæнæм уыдоныл, чидæриддæр  ййафы æнамонддзнад, сыд.  Арфæ уын кæнæм алкæмæн амондджын   къуыри æмæ Цыппурсы æхсæв стыр хъармæй.  Бар мын раттут, иу рекомендаци скæнын, куыд чырыстæттæ, ацы бæрæгбон хъуамæ сбæрæгбон кæнæм  хæдæфсармдзинадæй, хардзтæй  цух æмæ уыдонæн  фæхай кæнæм, чидæриддæр цух у хæлардзинадæй» – банысан кодта Ромы Пап.

Æхсæвы рæгмæ Ромы Пап Сыгдæг Петры базиликæйы Цыппурс бæрæгбонмæ гæсгæ  цыппурсон скуывд сыххæст кæндзæн.