Ромео Микаутадзе æмæ Джеймс Аппатурайи Гуырдзыстоны энергетикон потенциал æркастысты
Гуырдзыстоны энергетикæйы секторы цæугæ реформæтæ æркастысты экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министры фыццаг хæдивæг Ромео Микаутадзе æмæ æдасдзинады нырыккон æртхъирæнты фарстаты НАТО-йы генералон нымæрдары æххуысгæнæг Джеймс Аппатурайи эконмикæйы министрады уагъд фембæлдыл.
Экономикæйы министрады пресскуысты информацийæ, фарсытæ деталонæй æркастысты нысаниуæгджын энергетикон проекттæ æмæ фæныхас кодтой уыцы æрдæмадтыл, кæцытæн сæ нысан у Гуырдзыстоны хицауады фæдфæдон политикæйы фæлгæтты бæстæйы энергоæдасдзинад сфидар кæнын.
«Ацы æрдгæй Джеймс Аппатурайи бахахх кодта Сау денджызы донбын кабелы проект æмæ банысан кодта, цæмæй йæ сыххæст кæнын нысаниуæгджын у æнæрмæст Гуырдзыстонæн, фæлæ ма Хуссар Кавказы стынг кæнынæн.
Ромео Микаутадзе уазджытæн афтæдæр базонын кодта уыцы фæстиуджытæ, кæцы сноггæнгæ гуырæнтæй энергийы камал кæнын æмæ фæлхас кæныны фарсхацæн схемæйы фæлгæтты публикацигонд фыццаг аукционыл сфиксир ис. Йæ дзырдæй, фæнысангонд реформæ тынг æнтыстджынæй цæуы æххæст, кæцы фæстагмæ, энергосекторы дыууæ миллиард долларæй фылдæр инвестицийы нывæрыны фадат сæвзæрын кæндзæн.
Джеймс Аппатурайи фидиуæнæй, Гуырдзыстонмæ ис стыр энергетикон потенциал æмæ йæ ресурстæ дæттынц æвæрд хъомысадты райрæзын кæныны фадат,к æцы цыфæнды бæстæйы эккономикон райрæзтæн иттæг нысчаниуæгджын у» – дзырдæуы экономикæйы министрады пресскуысты информацийы.
Афтæма сæ хъусинагæй, НАТО-йы генералон нымæрдары æххуысгæнæг фарсдарын равдыста Гуырдзыстоны энергетикон фадыгы æрдæм æмæ банысан кодта, цæмæй кæддæриддæр цæттæ у, сæрмагонд ресурсты æмæ компетенцийы фæлгæтты йæ къух сараза ацы нысаниуæгджын æрдæмады райрæзтæн Гуырдзыстоны.