«Ройтеры» информацийæ, Реджеб Тайип Эрдогъан, «С-400» балхæдæй хиуылфæхæцынмæ сидтытæ, суверенитет хæлдæй схуыдта
Турчы президент хъусын кæны, цæмæй Америкæйы Иугонд Штатты сидт, ома Анкара йæхи баурома Уырыссаг «С-400»-ы балхæдæй, рæстаг нæу æмæ у суверенитетмæ хъавд. Информацийы хъусын кæны агентад «Ройтер».
Бакой уын кæндзыстæм, АИШ-æм визиты рæстæджы Америкæйы президент, Реджеб Тайип Эрдогъанмæ æрсидтис, йæхи фæурома уырыссаг «С-400»-ы системæты балхæдæй.
«С-400» дардмæ архайæг уырыссаг иуылног системæ у, кæцы авиацийы, базырджын æмæ баллистикъон ракетæты, афтæдæр сурзæххон объектты скуынæг кæнынæн у. Уырыссаг зенитон-ракетон системæ 400 километр радиусыл архайы æмæ мысан скуынæг кæнын хъом у 30 километр бæрзæндыл. Турчы уырыссаг нырыккон системæйы балхæд, æхсæнадæмон скандал расайдта. АИШ-æ Туркмæ æрсидтис, нæзагъд ракæна уырыссаг ракетон системæйыл.