«Ройтеры» æмæ «Ипсойы» рафарстмæ гæсгæйæ, Камала Харрисæн 44 хæцынц йæ фарс, Дональд Трампæн та – 42 проценты
«Ройтеры» æмæ «Ипсойы» социологион рафарстмæ гæсгæйæ, Камала Харрисæн Дональд Трампæй чысыл уæлидзинад ис.
Рафарстмæ гæсгæйæ, АИШ-ы вице-президентæн æвзæрстгæнджыты 44 процент хæцынц йæ фарс, АИШ-ы раздæры президентæн та – 42%.
«Ройтер» фыссы, цæмæй ивгъуыд къуырийы, президентон кампанийæ рацухы онг Байден Днальд Трампæй дыууæ процентæй фæстæзад уыд.
Ног рафарст 22 æмæ 23 июлы ацыд. Харрис æмæ Трамп 15-16 июлы рафарсты 44 процентимæ æмбæр позицитыл уыдысты, æрмæст Трамп 1-2 июлы рафарсты иу процентæй лидер уыдис.
«Ройтер» фыссы, цæмæй рафарсты рæдыды бæрц гæнæн ис æртæ процентон пункты фæлгæтты уа.