«Ройтер» - Китай Швейцарийы, июны плангонд Украинайы  сабырадон  саммитмæ нæ баиу уыдзæн, уымæн æмæ разы у,цæмæй   Уæрæсе æмæ Украина  æмсæрæй  исой хайад
«Ройтер» - Китай Швейцарийы, июны плангонд Украинайы сабырадон саммитмæ нæ баиу уыдзæн, уымæн æмæ разы у,цæмæй Уæрæсе æмæ Украина æмсæрæй исой хайад

Китай нæ  райсдзæн хайад Швейцарийы июны плангонд Украинайы сабырадон  саммиты.  Агентад «Ройтеры» куыд фыссынц афтæмæй,  уый фæдыл информаци  КИтайы фæсарæн хъуыддæгты министрады  сбæлвырд кодтой.

Уагдоны райхæлдтой, цæмæй конференци  нæу  Китайы  æнхъæлцытæм æмбæлон, кæцы  йæ хъуыдыйы  дары, фембæлды, дыууæдæр фарсы – Уæрæсейы æмæ Украианйы  хайад райсын.

«Китай кæддæриддæр хъусын кодта,ц æмæй æхсæнадæмон  сабырадон  конференцийæн йæ фарсхъуамæ хæцид  дыууæдæр – Уæрæсе æмæ Украинæ дæр, алы фарсы æмбæрц хайадæй æмæ цæмæй алы  сабырадон æнхъарæн  æркæсын хъæуы  рæстагæй æмæ æмбæрцæй.  Науæд та, зын уыдзæн   конференци  сабырады сног кæныны   исты роль сыххæст кæна» – райхъусын кодта КИтайы фæсарæн хъуыддæгты минстрады  пресспикер Маон Нин.

Китайы уынаффæйæн сдзуапп кодтой Пекины Украинайы минæварады.

«ХЪыгаг у Китайаг фарс кæй не спайда кодта  ацы адатæй, цæмæй  бавдыстаит йæ позици  Швейцарийы саммиты платформæйыл» – загътой «РОйтерæн» минæварады.

Швейцарийы сабырадон конференци плангонд у 15-16  июнмæ.  МÆскуы саммитмæ хуынд нæу. Уæрæсейы хицауады райхъусын кодтой,ц æмæй æнæуæрæсе  конференцийæн ницы нысаниуæг ис.