«Ройтер» - Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй Анкарайы, Уæрæсе æмæ  АИШ-ы минæвæртты æхсæн  ацæугæ  бадзырды фæстæ йын фехъусын кодтой, ома  атомон хæцæнгарзæй  иунæг фарс дæр не спайда кæндзæн
«Ройтер» - Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй Анкарайы, Уæрæсе æмæ АИШ-ы минæвæртты æхсæн ацæугæ бадзырды фæстæ йын фехъусын кодтой, ома атомон хæцæнгарзæй иунæг фарс дæр не спайда кæндзæн

Турчы президент  Реджеб Тайип Эрдогъан  хъусын кæны, ома  цæугæ  къуырийы райдайæны Анкарайы  Уæрæсейы  æмæ АИШ-ы  минæвæртты æхсæн  ацæугæ бадзырдты фæстæ йын фехъусын кодтой, цæмæй атомон хæцæнгарзæй   иунæг фарс дæр не спайда кæндзæн. Æмбæлгæ информацийы  агентады  «Ройтер» хъусын кæны.

Стыр Дыууыны» саммитæй  туркмæ æрыздæхыны  рæстæджы  фæндагыл уæвгæ  арзт фидиуæны  Эрдогъан  банысан кодта, ома Уæрæсе  æмæ АИШ-ы æхсæн   фембæлдтæ арæх хъуамæ цæуа, цæмй  ног  Дунейон Хæст маруадзæм.

Къурисæры  Анкарайы АИШ-ы  централон  рагысгарæг агентады директор   Уильям  Бернс фембæлдис Уæрæсейы  æддагон разведкæйы куысты  къухдариуæггæнæг  Сергей Нарышкинимæ.