Рионы комы протест дарддæр кæны, бынатыл мобилизацигонд сты барадхъахъхъæнджытæ
Рионы комы протест дарддæр кæны. 161-æм бон у цæрджытæ «Намахвани-ГЭС-ы» каскады арæзтад протест кæнынц.
Акцийы хайадисджытæ сæрмагонд позици нæ ивынц æмæ комæй инвесторы ацæуын домынц. Абон сæумæрайсомæй, территорийыл цы ран ГЭС хъуамæ саразой, мобилоизацигонд сты барадхъахъхъæнджытæ, афтæма бынатыл ис доны сыгæй ифтоггонд хæдтулгæ.
Коммæ фæндаг æхгæд у æмæ мидæмæ никæй уадзынц. Мидхъуыддæгты министрады хъусинагæй, æдасдзинады нысанæн Рионы комы, æмбæстæгты змæлд бæрæг æрæдæмадæй рæстæгмæ арæнгонд у.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй компани Энкайы ног къухдариуæггæнæг знон комы цæрджытимæ æрныхас кæнын архайыдта, фæлæ фембæлд æнæфæстиуæгæй фæцис.