Чъиатурайы  шахтæйы  кусджытæ æмæ сæ фарс хæцджытæ   парламенты бæстыхайы территорийæ «Джорджиан Манганезы»   офисы онг  цыд  райдыдтой
Чъиатурайы шахтæйы кусджытæ æмæ сæ фарс хæцджытæ парламенты бæстыхайы территорийæ «Джорджиан Манганезы» офисы онг цыд райдыдтой

Чъиатурайы  шахтæйы  кусджытæ æмæ сæ фарс хæцджытæ   парламенты бæстыхайы территорийæ «Джорджиан Манганезы»   офисы онг  фистæгæй  цыд сарызтой.

Цыды фæстæ, уыдон  фæстæмæ   парламентмæ æрыхдæхдзысты, цы  ран акци сног уыдзæнис. Цыды  размæ   уыдон политикон тызты минæвæрттæм    æрсидтысты, цæмæй  ма бацахсой  фæнысангонд территори.

«Политикон тыхтæй  курæг стæм,  ма бацахсæт  ацы териртори, кæцы нæ  тынг æвзæр уавæр ныппардзæн» –   рахъйусын кодта  акцийы  хайадисæг.

Чъиатурайы æрзæты кусджыты  куыстурæд  15-æм бон у цы даргъ Кæны.

Чъиатурайы  шахтæйы  кусджытæ  курынц  сæ мыздтæ  фæбæрзонддæр кæнын, кусæн уавæрты фæхуыздæр кæнын,  кусæн æдасдзинады  нормæтæ  бахъахъхъæнын, гигиенæйы  уавæртæ æмæ  хæлцады  фарстатæ  фæхуыздæр кæнын.   Æрзæткъахджыты  хай  цалдæр  боны размæ   нæхæргæ  протест райдыдтой.   Протестгæнджыты куыстдæттæгы æзхсæн  медиаторы   æххуысæй,  цалдæр фембæлд ацыд,ф æлæ  фарсытæ  исты фидыдмæ не æрцыдысты.