Оккупацигонд Сухумы акцийы хайадисджытæ бакуыстой резолюци, кæцымæ гæсгæйæ, а.х. президент Аслан Бжаниайæ, йæ бынатæй сисын домынц
Оккупацигонд Сухумы, а.х. хицауады бæстыхайы цур акци æхсæвы ныппырх ис. Оккупацигонд Абхазы оппозици бакуыста резолюци, кæцымæ гæсгæ дæр, уыдон а.х. президенты, Аслан Бжаниайæ æрдомттой йæ бынатæй йæхи сисын. Афтæма оппозицийы æркуырд у, цæмæй Бжаниайæн ма уа энергетикон, мулкон æмæ æддæ политикон инциативæты сыххæсты бар. Оппозици афтæдæр домы æмхæццæ парламентон уагдæттынадмæ ахизын æмæ конституцимæ ивд бахæссын, кæцымæ гæсгæ дæр а.х. хицауады уæнгтæ «парламент» сфидар кæна æмæ архайæг æрсидты а.х. парламенты æххæстбартæ иу афæдзæй адарддæр кæнын.
Оккупацигонд Сухумы центры акци знон, боны дыккаг æрдæджы райдыдта. Бынæттон а.х. æдадсзинады тыхтæ «Парламенты» раз æрымбырдуæвæг митинггæнæг бынæттонты ныссæста фæздæгуадзæн гранатæтæй. Акци «Абхазы адæмон-патриотон цæдисы» организацигондæй ацыд.
Акцийы хайадисджытæ «æдасдзинады тыхты» кордон атонын æмæ а.х. парламенты æмæ президенты администрацийы раз фæзмæ баирвæзын бахъавыдысты. Акцийы хайадисджытæ «архайæх хицауады» æмæ а.х. президент Аслан Бжаниайы экономикон æмæ энергетикон кризисы, реформæты фæдыл æвзарæнон дзырдлæвæрдты æнæсыххæсты æмæ оккупацигонд Абхазы рæзынады программæ кæй нæй, уыдæтты зылынджын кæнынц.