Уырыссаг æфсæддæтты ахст горæт Мелитополы æмбæстæгтæ мэры скъæфты тыххæй протест кæнынц

Уырыссаг æфсæдты  ахст  горæт Мелитополы  цæуы протестон акци. Демонстранттæ  уырыссæгтæ  горæты  мэры  кæй аскæфтой  уый протест кæнынц.

Украинайы   президенты офисы  куыд хъусын кæнынц уымæ гæсгæйæ,   зæгъгæ  æмбæстæгтæ  уырыссæгты ахст   горæты  администрацийы  бæстыхайы цур бацыдысты æмæ  Мелитополы  мэры, Игорь Федоровы  ссæрибар кæнын æркуырдтой.

Ахæлиугонд видеойы  зыны, цæмæй мингай  адæймаг Украинайы   тырысатимæ  къухты, хъæрæйдзырд кæнынц «Сæрибардзинад Мэрæн» зæгхгæ.

11 марты  бæрæг  ссис, цæмæй  горæты мэры аскъфтой. Украинайы   хицауады  хъусинагæй,   уымæн йæ срыл æркодтой голлаг  æмæ  йæ æбæрæг æрдæмадæй  аластой.

Æрцугæйы тыххæй,  президент Володимир Зеленский  Уæрæсейы хицауады  сбарста  террористон къорд «Исламы Паддзахадимæ».

Уæрæсейы хицауад нырма  комментари нæ сарызта.