Рио де Жанейройы Чырыстийы цырт Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй срухс кодтой
Гуырдзыстоны Хæдбардзинады бонмæ гæсгæ, Рио де Жанейройы, Корковадойы хозыл уæвæг Чырыстийы цырт, Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй срухс ис. Информацийы хъусын кæны Бразилийы Гуырдзыстоны минæварад.
«Чырыстийы цырт Риойы æмæ æнæхъæнæй Бразилийы визитон картæ у, кæцы дунейы авд ног диссæгтæй сæ иу у. Уый тыххæй дæр, монумент æппæт дунейы масштабæй иурæстæгонæй милуангай адæймаджы хъусдарды центры ис æмæ уымæ æмбæлгæйæ, цырты срухс кæнын Гуырдзыстоны тырысайы хуызтæй, нæ бæстæйы зонындзинад нысаниуæгджынæй райрæзын кæндзæн», – банысангонд у Гуырдзыстоны минæварады информацийы.