Майк Помпео – Гуырдзыстоны фæд-фæдыл фидар кæны демокративон паддзахадæй, кæцы нысаниуæгджын хайбавæрд кæны æхсæнадæмон æдасдзинад сифтонг кæныны хъуыддаджы

18:11, 27.05.2019

Хæдбардзинад ногæй рацарæзты  фæстæ, Гуырдзыстон  фæдæдонæй   фидар кодта   демокративон паддзахадæй,   кæцы тыхджын æмбæстагон дзыллæйы  æмæ  сæриабр  базарадон экономикæйыл æнцойæвæрд у  æмæ  кæцы нысаниуæгджын    хайбавæрд  кæны,  æхсæнадæмон æдасдзинады   æрфидары  хъуыддаджы –  дзырдæуы  АИШ-ы  паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы   арфæйы  фыстæджы,  кæцыйы АИШ-ы паддзахадон департаменты   официалон  веб-фарсыл   æрцыд  публикацигонд.

Майк Помпео  хаххгондæй   банысан кодта,   АИШ-æн  Гуырдзыстоны   куыд тсратегион   партнеры  нысаниуæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   гуырдзиаг æфсæддæттæ  зæгъгæ   америкаг партнертимæ фæрсæй-фæрстæм хæцынц   æдасдзинады  æрфидары  æмæ  терроризмы  ныхмæ тохы   сферæйы   уæвæг региононон кæнæ  æхсæнадæмон быцæусидтыæн бахъом  уыны нысанæй.

АИШ-ы   паддзахадон нымæрдар   гуырдзиаг адæмæн    зæрдиагæй  арфæ  кæны  Хæдбардзинады бон æмæ  хаххгондæй   ныссан кæны, цæмæй   Гуырдзыстоны  суверенитеты, хæдбардзинады  æмæ территорион  æнæхъæндзинады  æрдæм   АИШ-ы   фарсхæцынад  æнæфæцудгæ  у.

Хуыздæр