Резолюци, кæцы Евросоветы Уæрæсейæн санкцитæ аивыны фадат дæтта, автор фæстæмæ асидтис
Евросоветы парламентон асамблейы регламенты ивды фæдыл резолюцийы проекты автор фæстæмæ асидтис. Инициативæйы автор бельгиаг Петра де Сутер уыд. Афтæдæр йæ æркуырдæй, резолюцийы проект æрыздæхдзæн комитетмæ.
Резолюцийы проекты фæстæмæ асидын автор уый фæстæ ахицæн кодта, Еврососветы парламентон ассамблейы сессийыл Проектмæ гæсгæ тызмæг дебаттæ куы сырæзт. Регламенты ивды сбæлвырд кæнынæн, хъуыдис асамблейы уæнгты дыууæ æртыккаг хайы хъæлæстæ.
Депутатты фылдæр хъуыды кæнынц, цæмæй регламенты ивдтытæн реалонæй сæ нысан у Уæрæсейæн санкцитæ аивын.
Евросоветы парламентон ассамблей ыл дзырдæй ралæууыд Гуырдзыстоны делегацийы уæнг Тамар Чугошвили. Йæ Ныхæстæм гæсгæ, нæй гæнæн ахæм прецедент æруадзын, æмæ уыцы бæстæмæ кæцы Евросоветæй химæ райст хæстæ куы не ххæст кæны, сæрмагонд ахаст дарой.
Уæрæсейы делегацийæн Евросоветы парламентон ассамблейы хъæлæсы бар, 2014 азы ХЪырмы анексиæй тыххæй байстой. Фæстæдæр Уæрæсе организацийы куысты хайад райсыныл æмæ уæнгон фидтон бафидыныл нæзагъд скодта.