Реджеб Тайип Эрдогъан – Уæрæсейы къахдзæф, кæцыйы нымайæм æхсæнадæмон барады ныхмæ, уæззау рæхуыст у регионы сабырдзинад æмæ стабилондзинадæн
Уæрæсейы æфсæддон архæйдтытæ Украинайы ныхмæ нæрайсгæ сты», – уый фæдыл Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан бæстæйы æдасдзинады советы рабадты фæуды фæстæ райхъусын кодта.
Эрдогъаны дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы ацы къахдзæф, кæцыйы Турк æхсæнадæмон барадсастыл нымайы, уæззау рæхуыст у регионы сабырдзинадæн æмæ стабилондзинадæн.
«Хъусын кæнын цæмæй нæрайсгæйыл нымайын Уæрæсе Украинайы ныхмæ цы æфсæддон операци райдыдта уый», – банысан кодта Турчы президент.
Параллелонæй фидиуæн ахæлиу кодта Турчы фæсарæн хъуыддæгты министрад, кæцыйы мидæг банысангонд у цæмæй Уæрæсейы æфсæддон операци Украинайы ныхмæ нæрайсгæ у.
Турчы фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, Уæрæсейы лæбурд у æнæрмæст Минскы бадзырды скуынæг, фæлоæ ма у æхсæнадæмо н абрады уæззау саст æмæ тæссаг у регионы æмæ дунейы æдасдзинадæн.
«Турк, кæцы нымайы, цæмæй бæстæты территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитет хъуамæ уа хъахъхъæд, йæ ныхмæ у, хæцæнгарзы фæрцы арæнты ивдимæ. Уæрæсейы Федерацимæ нæ сидт у, куыд гæнæн ис афтæ тагъд ныууадзæт ацы æнæраст æмæ æнæзаконон архайд. Нæ фарсхæцын Украинайы политикон иудзинадæн, суевренитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн адарддæр уыдзæн», – банысангонд у фидиуæны.