Реджеб Тайип Эрдогъан рацыд инициативæйæ, Каховкæйы ауазæны спырхы фæдагуырды нысанæн, Украинайы, Турчы, Уæрæсе æмæ Ино-йы æмхайадæй комисси сырæза
Турчы президент Редежб Тайип Эрдогъан рацыд инициативæйæ, сырæзæт комисси, Уæрæсейы, Украинайы, турчы æмæ ИНО-йы æмхайадæй Каховкæйы ауазæны спырх кæнын фæдагуырды фæдыл.
Турчы президенты администрацийы хъусинагæй, уый фæдыл Эрдогъан Украинайы президент Володимир Зеленскийæн фехъусын кодта телефонон дзырды рæстæджы. Уыимæ Эрдогъан аныхас кодта Уæрæсейы президент, владимир путинимæ, кæцы рæстæджы райхъусын кодта,ц æмæй нысаниуæгджын у Каховкæйы ауазæны спырх кæныны фæдыл æппæтылæххæссæг фæдагуырд ауадзын, кæцы иу гуырысхойаг фарста дæр нæ ныууадздзæн.
Уый æддæмæ ма Зеленскиимæ ныхасы Эрдогъан банысан кодта,ц æмæй Анкара цæттæ у, Мæскуы æмæ Киевы æхсæн сабырдзинад сифтонг кæнынæн сæрмагонд роль сыххæст кæна.