Реджеб Тайип Эрдогъан – нырма ис гæнæн Америкæ Турчы ахастытæ фервæзын кæнын
Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан уырнæг у, цæмæй нырма дæр ис уый шанс, æмæ Анкара æмæ Вашингтоны æхсæн æндыгъд ахастытæ фæхуыздæр кæнын.
Фыдыуæн Турчы æмæ Америкæйы Иугонд Штатты фиидæны ахастытæм гæсгæ, Турчы президент , Реджеб Тайип Эрдогъан сарызта Трампы дзырдæй ралæуды фæстæ. АИШ-ы президент Туркмæ бартъхъирæн кодта санкцитæй, кæд æмæ Анкара Чырыстон аргъуанархайæгы не ссæрибар кæндзæн уæд.
«Ахастытæ Вашингтонимæ гæнæн ис фæхуыздæр уа, кæд АИШ-æ Турчы æдасдзинадимæ баст фарстатæы æрдæм фылдæр хъусдардæ равдисдзæн уæд»- райхъусын кодта Эрдогъан.
Евангелист Эндрю Брансон 2016 азы августы Турчы сахар Бурсайы æрцахстой. Уыйы зылынджын кæнынц террористон къордимæ бастдзинады.