Реджеб Тайип Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй Турк ивæн къурсыты системæйæн нæ бакомдзæн
Турчы экономикæмæ лæбурд кувынмæ сидты æмæ тырсамæ бырстæй хъауджы нæу, йæ нысан та у, мах зонгуытыл сæвæрын – уый фæдыл райхъусын кодта Турчы президент.
Реджеб Тайип Эрдогъаны ныхæстæм гæсгæ, чидæриддæр Турчы дæлбар бакæнын архайы, террористон къордты, гадзрахатгæнджыты æмæ сусæгвæндты руаджы,, уый зæгъгæ тагъд фендзæн цæмæй Анкъара ивæн къурсыты системæйы дæлбар нæ бауыдзæн.
Видеосидты Турчы президент византиæгты æмæ грекæгты ныхмæ 1071 азы Манаскерты æмæ 1922 азы Думлупинары хæстытæ æрымысыд.
Турчы æмæ АИШ-ы ахастыты фæкарзы фоныл, Туркаг валюта рекордонæй сæнæаргъ ис. Иу америкаг доллары аргъ уыд 7 лирæ, фæлæ хицауады мадзæлтты ауадзыны фæстæ лирæ цъус фæфидардæр ис.