Реджеб Тайип Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй Турк, гæнæн ис палестинæгтæн æххуысы нысанæн Израилмæ интервенци сыххæст кæна
Турк гæнæн ис, палестинæгтæн æххуысы нысанæн Израилмæ бахиза, – уый фæдыл Турчы президент Реджеб Тайим Эрдогъан райхъусын кодта.
«Мах хъуамæ уæм фидар, цæмæй Израил ма бафæраза Палетсинæйæн аæм исты ракæнын. Куыд Карабахы, Ливийы, мах гæнæн ис раст афтæ бакæнæм семæ дæр. Нæй æфсон, кæцыйы тыххæй мах уый нæ сараздзысæм. Фидар хъуамæ уæм, цæмæй бафæразæм ацы къахдзæф саразын», – загъта Турчы президент.
Эрдогъан не сконкретт кодта, цы хуызы интервенцийыл дзырдта.