Реджеб Тайип Эрдогъан – Йерусалем хъуамæ уа Палестинæйы сæйраг сахар
Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан пысылмонон бæстæты лидертæм æрсидтис, Йерусалемы нымадмæ райсой, куыд «оккупацигонд Палестинаг падзахады сахары» афтæ.
ВВС-йы хъусинагæй, уый фæдыл Эрдогъан райхъусын кодта исламы æмгуыстады организацийы самииты дзырдæй ралæуды рæстæджы.
Турчы президент Йерусалемы Израилы сæйраг сахарæй расидыны фæдыл Дональд Трампы скуыддзагы схуыдтæ мæнгæй.
Реджеб Тайип Эрдогъан Израилы схуыдта «Терроры Паддзахадæй».
Ацы рæстæджы палестинæгты лидер Махмуд Аббас райхъусын кодта, цæмæй АИШ-æ сæхи дисквалификаци скодтой куыд сабырадон процессы хайадисæг бæстæйы.
«Махæн нæрайсгæ у сабырадон процессы АИШ-ы цыфæнды роль. Уыдон сбæлвырд кодтой Израилы пайдайæн кæй архайынц уый» – расидтис Махмуд Аббас саммитыл.
Ивгъуыд къуырийы АИШ-ы президент Дональд Трамп Ерусалемы банымадты Израилы сæйраг сахарæй.
Йерусалем Израиль æмæ Палестинæйы æхсæн быцæудзинады сæйраг аххос у.