Реджеб Тайип Эрдогъан – ИНО «ныккалдис» Гъазæйы айтынггонд фæзындты фоныл
Турчы президенты, Реджеб Тайип Эрдогъаны ныхæстæм гæсгæ, иугонд нациты организаци Гъазæйы арæнмæ хæстæг, къурисæры айтынггонд фæзындты фоныл «ныккалдис» зæгъгæ. Дзырдæуы Йерусалемы АИШ-ы минæварады байгомы ныхмæлæууæг палестинæгты протестон акцийы тыххæй, кæцыйы Израилы æфсæддон иугæндтæ, æхсæнгарзæй æмæ цæссыгуадзæн газæй ныссæста. Ацы операцийы амæттаг ссис 60 палестинаг.
Турк у уыцы бæстæтæй сæ иу, кæцы тызмæг критикæ кæнынц Израилы æрдгæй тыхæй афтæ спайда, акцийы ныссæндынæн. Ацы темæйыл Эрдогъан Исламы Мæгуыстады организацийы уæнг бæстæты фембæлд снысан кодта, кæцы сом Стамбулы ацæудзæн.
Рамаданы фыццаг боны банысангæнæн сихорыл ныхасы рæстæджы Эрдогъан банысан кодта, цæмæй æхсæнадæмон дзыллæйы фылдæр хай, Гъазæйы айтынггонд фæзындты æрдæм у уазалзæрдæ.
Къурисæры операцийы фæстæ Турчы æмæ Израилы æхсæн дипломативон ахастытæ фæкарз сты. Дыууæдæр фарс бæстæйæ крæдзийы минæвæртты фкеддæдуар кодтой. Уæдмæ та Эрдогъан Гъазæйы арæнгæрон 60 палестинагы марындзинад схуыдта геноцидæй.