Реджеб Тайип Эрдогъан  Евроцæдисмæ æрсидтис визон режимы иавыны  процесс батагъддæр кæнынмæ
Реджеб Тайип Эрдогъан Евроцæдисмæ æрсидтис визон режимы иавыны процесс батагъддæр кæнынмæ

Турчы президент, Реджеб Тайип Эрдогъан Евроцæдисмæ æрсидтис визон режимы фæмацы кæныны  процесс  батагъддæр кæнынмæ.  Уый фæдыл   Эрдогъан  Варнайы  уагъд   Турк-Евроцæдисы  саммиты  фæуды фæстæ  пресс-конференцийыл  райхъусын кодта.

 

«Ацы афонмæ, Евроцæдис  ацы  процессы батагъд кæнынæн хъæугæ  къахдзæфтæ  нæ авæрдта.Ныфсджын стæм, цæмæй  ацы  æрдгæй  куыст батагъддæр уыдзæн.  Ай ма хъуамæ баззайа  Турчы æмæ   Евроцæдисы æхсæн  æнæсæххæст фарстæй, уымæн æмæ   Турчы æмбæстæгтæ   ма хъуамæ  фесафой  евроцæдисыл æууæнк» –  загъта  Турчы президент.

Эрдогъан  Брюсселмæ æрсидтис  Турчы евроцæдисы  ууæгсуæвыны  процессы  прогрессмæ.

«Банысан кодтон,  ома  уæнгсуæвынимæ баст  процесс Турк  райдыдта  1963 азы.  Ныр  æрлæууыд  2018 аз, фæлæ мах  фæстæмæ стæм евроцæдисы уæнгсуæвыны кандидаттæ.  Фæнды нæ  ацы нысаны æрдæм   бирæ цырддæр  прогресс уа» – банысан кодта Турчы лидер.

Турчы президент  Евроцæдисæн, миграцион   бадзырдæй ныфсæвæрд суммæйы рауæлдай кæнын  дæр бакой кодта.

«Турк æххæст кæны  йæ хæстæ терроризмиимæ  тохмы гæсгæ,   афтæдæр   миграцион кризисыл фæтыхуынæн.  Сирий æмæ Иракъы  цæугæ  процессты тыххæй,  ныр  Турчы  зæгъæн  ис 4  милуан  лигъдон цæры. Афтæдæр  æркастыстæм  3  миллиард евройы  рауæлдай кæныны  фарст.  Не æрдгæй  банысан кодтам, цæмæй  ацы  афонмæ  æрмæст 1,8 миллиард  евро  райстам.  Ныыфс нæ ис ацы суммæйы  дыккаг траншы дæр райсдзыстæм,  цæмæй нæ бон бауа, нæхитерриторийыл  уæвæг лигъдæтты цæрæн уавæрты  фæхуыздæр кæнын» –  банысан кодта Реджеб Тайип Эрдогъан.