Реджеб Тайип Эрдогъан - Цæгат Иракы æмæ Сирийы регионты террористтæй ныссыгъдæг кæныны нысанæн, Турчы уæлдæфон операци æрмæст райдайæн у
Турчы уæлдæфон операци Цæгат Ирак æмæ Сирийы регионты террористтæй равдæлон кæныны нысанæн æрмæст райдайæн у, – уый фæдыл Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъан райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ Турк Сирийы сурзæххон операцийы сеппæтæй хуыздæр рæстæджы райдайы.
«Нæ опрациты хæдтæхджытæй, артилерри æмæ æнæпилот тæхæн хæцæн уæлдæфон наутæй, æрмæст райдайæн у. Мах террористты сурзæххон операциты тынг дзæбæх рæстæджы абырсдзыстæм. Турк Сирийы арæнты фæдыл дзырдлæвæрдты иузæрдыг баззад. Нæ ныхасæмбæлттæ куы нæ сыххæст кæной бадзырды доментæ, уæд нæм ис бар, нæхи кой бакæнæм. Тыхтæ, кæцытæ гаранти дæттой, цæмæй Сирийы сæ контролы бын уæвæг регионтæй нæ бæстæмæ тас нæ бартхъирæн кæндзæн, нæ сыххæст кодтой сæ дзырдлæвæрд. Не рвитæггаг уыдонмæ чидæриддæр архайы, Турчы йæ уæрджытыл слæууын кæнын мæнгард методтæй, бæрæг у: Нæ уын рауайдзæн», – загъта Эрдогъан.