Реджеб Тайип Эрдогъан - Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндагон хаххæй максималон эффективондзинад райсынæн ранæуæгы куыстытæ тагъд фæуын хъæуы
Баку-Тбилиси-Хъарсы æфсæнвæндагон хаххæй максималон эффективондзинад райсынæн ранæуæгы куыстытæ тагъд хъуамæ фæуой, – уый фæдыл Турчы президент РеджебТайип Эрдогъан Азербайджаны президент Ильхам Алиевимæ фембæлды фæстæ уагъд прессконференцийыл райхъусын кодта.
Турчы президенты дзырдæй, хъуамæ райрæза бæстæты потенциал траснпорты æмæ энергетикæйы сферæты, критикон расидтытæ куы ис, уыцы периоды.
Эрдогъаны фидиуæнæй, «Танапы» (трансанатолийаг хæтæлвæд) хъомысад райрæзын кæныны æмæ Каспийы æрдзон газы Турк æмæ Европæмæ транспортаци бæстæты приоритетты æхсæн ис.
Турчы президент афтæдæр фæныхас кодта Хуссар Кавказы регионы сабырадон процессыл æмæ снысан ис, цæмæй Азербайджаны æмæ Сомихыстоны æхсæн иудадзыг сабырадон бадзырд бафыссын регионы æмæ дунейы сабырады æмæ стабилондзинады ныфсы ног ратæдзæн уыдзæн.
«Мах ацы процессы Азербайджанимæ иумæ архайæм. Карабахы оккупацийы фæуды фæстæ, нæ регионы иудадыг сабырдзинадæн гом кæны фадæтты историон рудзынг. Иттæг нысаниуæгджын у, ацы фадæтты рудзынг ма сыхгæд уа. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Сомихыстон хъуамæ аргъ скæнæд ацы процессæн стратегион перспективæйæ, дардыл хъуыдыгæнгæйæ», – райхъусын кодта Реджеб Тайип Эрдогъан.