Рати Брегадзе -  Страсбургы тæрхондон  не сразы ис Михеил Саакашвилийы  Варшавæмæ  аласынимæ  æмæ бæстæйы мидæгæй  æндæр  хосгæнæн уагдонмæ  йæ аргъæвын дæр  нæ бахæс кодта   паддзахадæн
Рати Брегадзе - Страсбургы тæрхондон не сразы ис Михеил Саакашвилийы Варшавæмæ аласынимæ æмæ бæстæйы мидæгæй æндæр хосгæнæн уагдонмæ йæ аргъæвын дæр нæ бахæс кодта паддзахадæн

Страсбургы  тæрхондон не сразы ис Михеил Саакашвилийы  адвокатты æркуырдимæ,  уый фæдыл Гуырдызстоны юстицийы министр Рати Бргеадзе абоны брифингыл фехъусын кодта.

«Абон публикацигонд уыд Страсбургы тæрхондоны  уынаффæ, кæцымæ  гæсгæ  дæр   ахæст   Михеил Саакашвилийæн,  хуъыддагыл «Саакашвили  Гуырдзыстоны  ныхмæ»   нæйы  загътой  Варшавамæ  аласыныл æмæ иурæстæгонæй  паддзахадæн  нæ бахæс кодтой  уыцы  бæстæйы  мидæгæй  æндæр  хосгæнæн   уагдонмæ  аласын», –  банысан кодта Брегадзе.

Афтæма йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстон у европаг падзахад, кæцы  æнæфæзилгæйæ   хъахъхъæны адæймаджы джелбетты æмæ уырдгæй рацæугæ  алы барты.

«Хъыгагæн ис адæймæгты  къорд, кæцытæ нæ фидауынц  Гуырдзыстоны æнтыстимæ æмæ архайы  барæй,    бааууон кæнын    нæ бæстæйы Европаг   фидæн.  Ахæст Саакашвилийы æрцæрын кæныны фыццаг бонæй  райдыдта, хаххгондæй    зæгъдзынæн,  æбæрæг   равзæрæнтæй  финансгонд     барæй  хахуырхæссæг    кампани, кæцыйæн йæ  нысан уыд, Гуырдзыстоны  ахæм падздахадæй равдисын, кæцыйы цæвиттон    искæй  хъизæмарæй мардтой.  Ацы нысанм баххæссынæн  адæймæгты ацы къордæн  сæ цæсгом бахъæцыд  ахæсты  удцырын  кæнæн, цæмæй   йын æхормагдзинады  цыппар  эпизод уыдаит, ма  бакоммæкастаит   дохтырты рекомендацитæм,  ма  схос кодтаит  æмæ уыдæттæй  фæфыддæрдæр кодтаит  сæрмагонд æнæниздзинады уавæр.  Уый та  у  хизиан кæнын æмæ æндæр ницы», – райхъусын кодта Брегадзе.

Михеил Саакашвилийы  адвокаттæ  Саакашвилийы  хуъыддаджы  фæдыл  Страсбургы тæрхондонмæ  хъаст 11 апрелы  арвыстой. Адвокаттæ Михеил Саакашвилийæн   æфхæрды  æмгъуыд ахæцын  æмæ йæ фæсарæнты  хоскæнынмæ арвитын куырдтой.