Рати Брегадзе – Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры тыххæй дохтырты къорд æрвылбойнон  режимы дæтдзæн æмбарынгæнæнтæ
Рати Брегадзе – Саакашвилийы æнæниздзинады уавæры тыххæй дохтырты къорд æрвылбойнон режимы дæтдзæн æмбарынгæнæнтæ

Саакашвилийы  æнæниздзинады  уавæры фæдыл  дохтырты  къорд æрвылбойнонæй араздзæн æмбарынгæнæнтæ, уымæй  иу хатт æмæ фæстагмæ  фæуыдзæн дезинформацион  равгы хъусинæгты хæлиукæнынад, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны юстицийы  министр  Рати брегадзе  юстицийы  министрады  лæвæрд брифингыл  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  пенитенцион системæ  æнæнизхъахъхъæды министрадимæ æмкуыстгæнгæйæ  æрбахуыдта  дохтырты  уæлæмхас   къордтæ, кæцытæ  Саакашвилийы  æнæниздзинады  уавæры фæдыл  иугæндзонæй  мониторинг кæндзысты  æмæ йæ  æмбæлгæ  медицинон   лæггадæй ифтонг кæндзысты.  Брегадзейы ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ нæ уыдис ахæм цау æмæ ахæстæн исты  типы медицинон  лæггад бахъуыдаит æмæ йæм лæвæрд ма уыдаит.

Министры дзырдæй,  зæгъгæ фæнысангонд  хосгæнæн   уагдонмæ ис æххæст   инфраструктурон кæнæ кадрон   ресурс,ц æмæй паддзахад  сифтонг кæна  куыд  нæхæргæ протестгæнæг  ахæсты  æнæниздзинады уавæры  эффективон контрол, афтæ  æхормагдзинады  фæдылдзог  периоды йæ реабилитаци.

«Уымæй  уæлдай ма,  æнæнизхъахъхъæды министрадимæ æмкуыстгæнгæйæ, пенитенцион  системæ æмкуыстгæнгæйæ  æрбахуыдта  дохтырты  уæлæмхас   къордтæ, кæцытæ  Саакашвилийы  æнæниздзинады  уавæры фæдыл  иугæндзонæй  мониторинг кæндзысты  æмæ йæ  æмбæлгæ  медицинон   лæггадæй ифтонг кæндзысты.

Æхсæнады  бæрзонд интересы æмæ  уый тыххæй, цæмæй  Саакашвилийы  æнæниздзинады  уавæрмæ  гæсгæ  æрвылбойнонæй  барæй  хæлиу кæны  æнæраст информаци, дохтырты  къорд æрвылбойнон  режимы  араздзæн æмбарынгæнæнтæ  йæ æнæниздзинады уавæры  тыххæй æмæ   æхсæнадæн лæмбынæг информаци  дæтдзæн, уымæй  иу хатт æмæ фæстагмæ  фæуыдзæн дезинформацион  равгы хъусинæгты хæлиукæнынад.

Хаххгондæй хъусын кæнын, цæмæй пенитенцион системæ  уынаффæтæ, фыццаджы дæр рахæссы   ахæстты, сæ нымæцы Саакашвилийы  æнæниздзинад æмæ æдадсзинадмæ гæсгæйæ.  Глданы 18-æм  уагдоны та,  иу æмæ иннæ дæр бæрзонддæр   æмвæзадыл хъахъхъæд сты» – райхъусын кодта   Брегадзе, кæцы Михеил Саакашвилимæ  нæхæргæ протест ныууадзынмæ ноджы иу  хатт æрсидтис.