Рати Брегадзе хъусын кæны, цæмæй Михеил Саакашвилийæн  банхъарыдысты клиникæ «Вивамедийы»  басгæрст саразын
Рати Брегадзе хъусын кæны, цæмæй Михеил Саакашвилийæн банхъарыдысты клиникæ «Вивамедийы» басгæрст саразын

Гуырдзыстоны юстицийы министр рати Брегадзе  хъусын кæны, цæмæй   Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийæн банхъарыд, клиникæ «Вивамедийы»   басгæрст ауадзын.  Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ бахъуаджы цауы йын   уыдзæн хоскæнынад.  Уый фæдыл  юстицийы министр   райхъусын кодта брифингыл.

Брегадзейы  фидиуæнæй,   паддзахад  кæддæриддæр   архайы  кæцыфæнды адæймагы  æнæниздзинад æмæ царды интерестæй рацæугæйæ.

«Æхсæнадæн нырид бæрæг у  æмæ уый фæдыл ивгъуыд бонты  бирæ хатт  загътам, цæмæй  тæрхонмæ лæвæрд Михеил Саакашвилийæн  снысан ис медикаментозон хоскæнынад. Фæлæ, хаххгонд хъуамæ банысанæуа уый цæмæй   равзаргæйæ исы  медикаментты бæрæг хай, цæмæй  дæр фактонæй нæзагъд кæны, сæрмагонд фæндæй, æххæстаргъджын хоскæныныл. Уый  афтæдæр  исы  хæринаг сæрмагонд  уынаффæтæй, æрмæст æвзаргæйæ  æмæ цæй зæгъын æй хъæуы, сæрмагонд æнæниздзинадæн тæссаг архайы.

Мах, куыд  бæрнон паддзахад, архайæм  кæддæриддæр  кæцыфæнды адæймаджы  æнæниздзинады æмæ царды  интерестæм æмбæлгæйæ.  Уый тыххæй дæр, куыд кæцыфæнды  æндæр ахæсты цауы, Михеил Саакашвилийæн,  уавæры гæнæн фæкарзæй  хибахизынæн, банхъардзыстæм йын, клиникæ «Вивамедимæ» аласын,цы ран йын уыдзæн басгæрст  æмæ бахъуаджы цауы, æмбæлгæ  хоскæнынад» – загъта Брегадзе.