Рати Брегадзе – Гига Отхозориайы марындзинады хъуыддагыл Страсбургы тæрхондоны ацы уынаффæ æмæ æнтыст нысаниуæгджын хайæ у раззаг æнтыстыты фæстиуæг
Гига Отхозориайы марындзинады хъуыддагыл Страсбургы тæрхондоны ацы уынаффæ, ацы æнтыст у раззаг рамбулгæ хъуыддæгты фæстиуæг – уый фæдыл Гуырдызстоны юстицийы министр Рати Бргеадзе райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Отхозориайы хъуыддагыл паддзахад баст уыдис æртыккаг фарсæй æмæ æххуыс кодта бæлвырдгæнæнтæ бамбырд кæныны.
Уыимæ, Рати Брегадзе куыд банысан кодта афтæмæй, растдæр «Картули Оцнебайы» хицауады периоды ссис гæнæн, иу хатт æмæ фæстагмæ сбæлвырд уыдаит рæстдзинад æмæ Гуырдзыстон рамбылдта алы æхсæнпаддахадон хъаст.
«Цъус рæстæг размæ сног ис процесс а.х. змæлгæ оккупацийы хъуыддагыл æмæ абон тæрхондон публикаци скодта уынаффæ Отхозориайы хъуыддагыл, кæцымæ гæсгæйæ, сбæрæг ис цæрыны бары халындзинад. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейыл, кæцы æххæст кæны эффективон контрол оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ацы уынаффæйæ ноджы иу хатт сбæлвырд ис уыцы аууæл, кæцыйыл ныхас кодта тæрхондон йæ раззаг уынаффæты æмæ кæй зæгъын æй хъæуы уый у тынг стыр сгуыхтдзинад ацы фарстайыл Гуырдзыстоны цы адæймæгтæ кусынц уыдоны. Сæрмагондæй та юстицийы министрады кусджыты» – загъта Рати Брегадзе.
Уыимæ, журналистты фарстаыл: «Оккупацигонд Абхазы Уæрæсе æмæ сепаратистон режим архайынц, гуырдзиæгтæн нацийы, мыггаг раивын æмæ сæ наци гуырдзаигæй нæ фæлæ абхазæгтæй ныффыссын домынц. Централон хицауады дзуапп цахæм с гнæн уа, афтæдæр цы йæ бон у Гуырдзыстоны хицауадæн æмæ цæмæн дзуарр кæны Уæрæсе нæ сабырадон политикæйæн ахæм къахдзæфтæй», Рати Брегадзе райхъусын кодта:
«Уый æппæт у оккупацийы фæстиуæг æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, ацы цауы паддзахад, Гуырдзыстон куы не ххæст кæны эффективон контрол территорийы бæрæг хайыл, уым цæуы æнæиу фыдракæнд. Ам иуæй-иу сæйраг рацæуæн у территорион æнæхъæндзинад сæндидзын кæнын сабырадон фæндагæй, кæцыйы тыххæй абсолютонæй алцыппæт аразы Гуырдзыстоны хицауад, цæмæй ацы фарста сабырæй алыг уа.
Ныр конкретон фыдракæндты тыххæй куы зæгъæм, ацы фыдракæнды куыд фæдагуырд, афтæ æмбæлон фыдракæндты куыд фæдагуырды афтæдæр бæрнон уæнгты дзуаппмæ раттыны нысанæн, мах нæ æхсæнадæмон партнертимæ уæвæг форматы ауадздзыстæм аы хъæугæ мадзæлттæ» – райхъусын кодта Рати Брегаде.
Адæймаджы барты Европаг тæрхондон Гига Отхозориайы марындзинады хъуыддагыл Уæрæсейы Федерацийыл æвæрд уыд бæрн æмæ бинонты пайдайæн та 130 000 евройы бафидыны уынаффæ.