Рассон дискриминацийы зылынмæ лæвæрд уæнгтæн стæрхон кодтой 4 азы æмгъуыдмæ ахст
Тбилисы сахарон тæрхондон, 2018 азы 31 январы рассон дискриминацийы аххосагы хъуыддагыл, дыууæ уæнгæн æфхæрды хуызæй стæрхон кодта фæйнæ цыппар азы æмгъуыдмæ ахст.
Сахарон тæрхондоны информацийæ, Ираклий А.С. æмæ ЛеванА-йы тæрхондон аххосджынтыло банымадта рассон дискриминацийы, кæцыйы сыххæст кодтой къордонæй, националон кæнæ рассон знагдзинады кæнæ юыцæудзинад сцырын кæныны, националон цыт æмæ джелбетт бафхæрыны нысанæй,афтæдæр расæйы, цъары хуызы, националон кæнæ этникон нысанæй адæймаджы барты комкоммæ кæнæ фæрссагæй сæмбонд кæныны, кæцы бафхæрдта йæ бартæ.