Рæстдинон дуне абон нысан кæны Цыппурсы бæрæгбон.
Гуырдзыстоны алы рæстдинон аргъуаны бæрæгбонон литургий знон, æхсæвы райдыдта. Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос –Патриарх, Илья Дыккаг Цыппурсон литургий сыгъдæг синоды уæнгтимæ иумæ Æппæтысыгъдæг Самебайы кафедралон аргъуаны сæххæст кодта.
Аргъуаны бакастысты Патриархы Цыппурсон эпистолæ.
Царддæттæгы райгуырд у иуæй-иу стыр бæрæгбон. Сыгъдæг евангелимæ гæсгæйæ, Йесо Чырысти Вифлеемы лæгæты райгуырд, кæцы ранмæ иу хъызты рæстæджы фиййæуттæ сæ фос баскъæрдтой.
Фыццæгтæ чидæриддæр ноггуырд Ирвæзынгæнæгæн скад кодтой, уыдысты фыиййæуттæ, уый фæстæ та, уымæ скæсæнæй, дæснытæ. Фиййæуттæн царддæттæгы райгуырд фехъусын кодтой зæдтæ.
Цыппурсы бæрæгбоныл, фæцис 40 бонон комдарæн, кæцы 28 ноябры райдыдта.