«Радио Сæрибары» Европæйы бюро- Европаламент хъавы рацæуын сидтæй, Евроцæдисы æмæ «Хурыскæсæны Партнерады» æхсæз уæнг паддзахады æхсæн, «Иумæйаг Экономикон тыгъдад» саразыны фæдыл
Европарламент хъавы рацæуын сидтæй, Евроцæдисы æмæ «Хурыскæсæны Партнерады» æхсæз уæнг паддзахады æхсæн, «Иумæйаг Экономикон тыгъдад» саразыны фæдыл. Æмбæлгæ сидтæй документы проект Европарламенты бакуыстæуыд. Уый фæдыл «Радио Сæрибар»-ы Европæйы бюро, документы преоктыл æнцойæ фыссы. «Хурыскæсæны Партнерады» уæнгтимæ иумийæг экономикон тыгъдад саразын, фæнысангонд æхсæз бæстæйы, Евроцæдисмæ этапгай интеграцийы хайыл цæуы нымад.
Медиафæрæз куыд банысан кодта, афтæмæй, документы æркаст Европарламенты æддæ ахастыты комитеты æввахс къуыриты ацæудзæн æмæ гæнæн ис, инициативæйæн хъæлæскæнынад пленарон сессийыл, зæрдæвæрæны мæйы ацæуа.
Проект афтæдæр фауы Уæрæсейы æрдгæй Хурыскæсæны Партнерады бæстæты æнæзакъонон оккупаци æмæ дестабилизицийы архæйдтытæ.
«Хурыскæсæны партнерад» у коллективон политикъон инициативæ, кæцыйæн йæ нысан у æмахастытæ фæарфдæр кæнын æмæ фæфидардæр кæнын Евроцæдисы, йæ уæнг паддзахадты æмæ йæ æхсæз хурыскæсæйнаг сыхагы æхсæн, кæцытæ сты: Сомихыстон, Азербайджан, Белорус, Гуырдзыстон, Молдовæ æмæ Украина.